general310 wordsRead on Arc Codex

Хуссар Иры президенты бынатмæ кандидатты фыццаг дебаттæ ацæудзысты 28 августы

https://sputnik-ossetia.com/20260825/khussar-iry-prezidenty-bynatm-kandidatty-fytstsag-debatt-atsudzysty-28-avgusty-40710728.html Хуссар Иры президенты бынатмæ кандидатты фыццаг дебаттæ ацæудзысты 28 августы Хуссар Иры президенты бынатмæ кандидатты фыццаг дебаттæ ацæудзысты 28 августы Sputnik Хуссар Ирыстон ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik. Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) ауагъта жеребьевка æнæаргъ рæстæг радих кæныны фæдыл паддзахадон Дзыллон информацийы фæрæзты Хуссар... 25.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон 2026-08-25T12:12+0300 2026-08-25T12:12+0300 2026-08-25T12:12+0300 хуссар ирыстоны ног хабӕрттӕ https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/0c/38883450_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_8bcbd3e1bc4db9e375f02362d7771979.jpg ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik. Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) ауагъта жеребьевка æнæаргъ рæстæг радих кæныны фæдыл паддзахадон Дзыллон информацийы фæрæзты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидаттæн.Уый размæ къамис бауагъта æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм цыппар кандидаты – Хъамболты Мараты, Кокойты Зурабы, Уалыты Мурæты æмæ Къодоты Хъазбеджы.Президенты бынатмæ кандидаттæн рахицæн кодтой æнæаргъ рæстæг паддзахадон телеуынынад æмæ радиойы, афтæ ма мыхуыры фæзуат газеттæ "Хуссар Ирыстон" æмæ "Хурзæрин"-ы. Афтæ ма сæ бон у спайда кæнын æлхæнгæ рæстæгæй Дзыллон информацийы фæрæзты.Централон æвзарæн къамисы секретарь Аулохты Кристина фехъусын кодта, æнæаргъ эфирон рæстæг хицæн цæуы дебаттæн.Фыццаг дебаттæ ацæудзысты майрæмбоны, 28 августы. Æдæппæт дебаттæ эфиры рацæудзысты цыппар хатты. Sputnik Хуссар Ирыстон media@sputniknews.com +74956456601 MIA „Rossiya Segodnya“ 2026 Sputnik Хуссар Ирыстон media@sputniknews.com +74956456601 MIA „Rossiya Segodnya“ ног хабӕрттӕ os_OS Sputnik Хуссар Ирыстон media@sputniknews.com +74956456601 MIA „Rossiya Segodnya“ https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/0c/38883450_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_c6fa77c4998b84796950702f830267d6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон media@sputniknews.com +74956456601 MIA „Rossiya Segodnya“ хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ Хуссар Иры президенты бынатмæ кандидатты фыццаг дебаттæ ацæудзысты 28 августы ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik. Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) ауагъта жеребьевка æнæаргъ рæстæг радих кæныны фæдыл паддзахадон Дзыллон информацийы фæрæзты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидаттæн. Уый размæ къамис бауагъта æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм цыппар кандидаты – Хъамболты Мараты, Кокойты Зурабы, Уалыты Мурæты æмæ Къодоты Хъазбеджы. Президенты бынатмæ кандидаттæн рахицæн кодтой æнæаргъ рæстæг паддзахадон телеуынынад æмæ радиойы, афтæ ма мыхуыры фæзуат газеттæ "Хуссар Ирыстон" æмæ "Хурзæрин"-ы. Афтæ ма сæ бон у спайда кæнын æлхæнгæ рæстæгæй Дзыллон информацийы фæрæзты. Централон æвзарæн къамисы секретарь Аулохты Кристина фехъусын кодта, æнæаргъ эфирон рæстæг хицæн цæуы дебаттæн. Фыццаг дебаттæ ацæудзысты майрæмбоны, 28 августы. Æдæппæт дебаттæ эфиры рацæудзысты цыппар хатты.

How it works

Once you click Generate, Ollama reads this article and crafts 5 comprehension questions. Your answers are graded against the article content — general knowledge won't be enough. Score 70+ to count toward your certificate.

Questions are cached — you'll always get the same 5 for this article.